Kenyan man 2.jpg Масайтæ сты африкæйаг фосдарæг знæм. Сæ нымæц у иу милуаны къаддæр, уыдонæй та Кенийы — 350 000—453 000 адæймаджы.
Сæ рæстæгмæйы хъæутæ хонынц боматæ, саразынц сæ сындз къутæрты астæу, кæнæ та сæ хъилтæй конд бырутæй сæхгæнынц. Фос дарынц сæ халагъудты ’хсæн. Халагъудтæ аразæг та сæм сты сылгоймæгтæ — зæххы арф тасаг михтæ ныссадзынц, сæ сæртæ сын кæрæдзимæ сбæттынц, уистæй сæ каубыд скæнынц, стæй сæ цъыфæй байсæрдынц.
Сæ хъæуы астæу фаджысæй куы байдзаг вæййы, уæд та æндæр ранмæ алидзынц. Исчи сæ куы амæлы, уæддæр сыстынц, сæ цæрæн бынат аивынц. Сæ мæрдты дæр фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ ’фснайынц: ахæссынц æй тыгъд быдырмæ æмæ йæ уым ныууадзынц хъæддаг сырдты æвджид.
Масайаджы тынг æнцонæй ис базонæн — сты бæрзонд, æлвæст, къæсхуыр, цæуынц стыр санчъехтæгæнгæ. Сæ сæйрагдæр куыст у фос дарын — ныллæг гуыбыр хъуццытæ æмæ сæгътæ. Лæгты уæлæдарæс у айдагъ хъуымацы кæрдæн.
Æрыгон масайæгтæ сты æфсæддонтæ — хонынц сæ морантæ. Уыдонæн сæ цæрæнуат у хибарæй, æппындæр ницы кусынц уьш, æрмæст хæстон хъæзтытæй хъазынц, кафынц, хæзгултæ дарынц — «дæу у, мæн у»-тæ сæм нæй, афтæмæй; арæх цуан кæнынц домбæйттыл, фыййæутты цыфыддæр знæгтыл.
Фос у масайты цардæн йæ астæу. Фаджысæй аразынц сæ хæдзæрттæ, сæ бæрæгбонты нуазын хъуцты туг æмæ афтæ дарддæр.
Искæуыл сæ йæхи уыциу уагъдæй бауадзы æмæ йæ кæнæ маргæ акæны, кæнæ йæ мæлæтдзаг цæф фæкæны, фæлæ йæхæдæг дæр хуыздæр ран нæ бахауы — æнæмæнг æй амарынц, ныххуынчъытæ йæ кæнынц се ’рцытæй. Йæ æвирхъау дзæмбыйы фæдтæ кæуыл ныууадзы масайæгтæй, уый та цæргæ-цæрæнбонты йæхицæй хъал вæййы. Æппæтæй стырдæр сгуыхтыл та сæм нымады у, домбайы йæ къæдзилы рæбынæй куы ацахсай, уæд уый — домбай уыцы сахат фæкуыддæр вæййы, æмæ йæ уæд морантæ æнцондæрæй амарынц, ома сæхиуыл къаддæр фыдбылызтæ æрцæуы. Æртæ хатты чи сарæхсы домбайы къæдзилмæ фæлæбурын, уый кад æмæ намыс та æнустæм æмбисондæн баззайынц.
Ныры рæстæджы сæ нал уадзынц домбæйттыл цуан кæнын, фæлæ уæддæр сусæгæй сæ куыст кæнынц, науæд рæсугъд чызджы зæрдæ цæмæй æрфæлмæн кæндзынæ?.. Искæмæй дыууæ хъуджы, науæд та æнæхъæн рæгъау дæр куы адавай, уæд сæм уый дæр сæрæндзинадыл нымад у. Масайты уырны, кæддæр æппæт дунейы фос сæхи кæй уыди, уый.
Уæдæ абон дæр тынг сæрыстыр сты, æфхæрд нæ барынц. Масайаг лæг æнæ арц санчъех дæр нæ акæндзæн. Арцимæ фæндаджы былыл баддзæн, уæдæ мæ кæд исчи йæ машинæйы авæрид, зæгъгæ; фос дæр æд арц хизы; уæдæ æндæр хъæумæ дæр уазæгуаты æнæ арц никæд ацæудзæн. Йæ арц кæй къæсæргæрон æрсадза масайаг лæг, уыцы хæдзары хицау æй хъуамæ тынг сбуц кæна, йæ хæдзар уый æвджид бакæна, суанг ма йæ усы дæр.
Масаи | Massai | Massai | Maasai | Masai | Maasait | Masaïs | מסאי (שבט) | Masai | マサイ族 | Masaï | Masajowie | Масаи | Wamaasai